Tasuta

Ирон фæндыр

Tekst
Märgi loetuks
Šrift:Väiksem АаSuurem Aa

Ракæс!

 
Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,
Нæ зонын мæ мады рæвдыд,
Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.
Кæмдæрты æнæсæронæй,
Æдыхæй, æцæгæлонæй,
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…
 
 
Фæхæссон-ма, загътон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, —
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.
 
 
Æрцыддæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..
Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй
Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, —
Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..
 
 
Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,
Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,
Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —
Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй…
Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй
Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..
 

Æнæ хай

 
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
   Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстытысыгæй
   Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..
 
 
Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
   Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
   Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?
 
 
Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
   Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
   Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?
 
 
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
   Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй
   Æнæхай фæкодтонмæ мард!..
 

Æнæ фыййау

 
Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фосы фæд,
   Рындзыл нæ кæны фынæй…
Фесæфай, фесæфай, уастæн, нæ фæсивæд, —
   Иу бахъаггæнæг дæ нæй!
 
 
Тар хъæдмæ бацыддæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, —
   Стонг фосæй сонтдæр, зыддæр, —
Иугæйттæй агурыс фароны хæтæлтæ,
   Стонг фосау сæфыс ды дæр!..
 
 
Гъæй, джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид
   Иу сау къæдзæхы сæрæй!
Хорз фосы дзугау дæ иумæ куы равзарид
   Исчи йæ фарны хъæрæй!..
 

Салдат

 
Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд
   Чи халы барынвæндæй!..
О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, —
   Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..
 
 
Морæ фæсбынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ
   Нал ысрухскодтай, мæ мад! —
Исчи дæ фыртæн куы асæтта йе фсæртæ,
   Додой, куы райса йæ над!
 
 
«Стонгæй мæлын, гыцци!» – никæмæ бадзурдзæн, —
   Буц хæринагæн ын – кас…
Талынг къазармайы къуымы-иу батулдзæн,
   Сау хъæмп – йæ гобан, йæ баз…
 
 
Иртæст йæ дзыллæйæ, уайтагъддæр базондзæн
   Фидиссаг цардæн йæ ад;
Усгур лæппуйау дæ ницæуыл бадомдзæн, —
   Хорз уа, æвзæр уа – салдат!
 
 
Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, —
   Чи ма йын райсдзæн йæ туг?
Ракæн-иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы,
   Аргæвд-иу хистæн нæ хъуг!..
 
 
О, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон,
   Ма ку!.. Фæуыром дæхи!..
Фенæм уал… Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, —
   Чи мæ цы айса – йæхи!..
 

Додой

 
Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!
Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, —
Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..
 
 
Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,
Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,
Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,
Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..
 
 
Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,
Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,
Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,
Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц…
 
 
Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,
Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, —
Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,
Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..
 
 
Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, —
Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм…
Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, —
Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!
 

Катай

 
Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон!
Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?..
 
 
Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон,
Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх?
 
 
Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ айнæг къæдзæхæй,
Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын…
 
 
Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй,
Кæмдæриддæр дæ, – тагъд мæ хъæрмæ фæзын!..
 
 
Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, – куы бамбæхсай барæй,
Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!..
 
 
Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй,
Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд, ма, мæт?
 
 
Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæндонæй,
Æууæнккагæй радтай, рæстæнхъæл, дæ бар?..
 
 
Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,
Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..
 

Сидзæргæс

 
Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы…
Сау айнæджы рындзыл
Нарыхъæу хуыссы…
 
 
Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цардудæн хуыздæр…
Рухс цæуы кæронæй, —
Бадынц ма кæмдæр…
 
 
Иу зæронд ыскъæты, —
'Гас хъæуы уæлдай,
Аззади фæсфæды
Ацы бæстыхай, —
 
 
Ма дис кæ йæ бадтыл! —
Цуайнаджы уæлхъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.
 
 
Артдзæсты кæрæтты,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, —
Чи бæгънæг, чи гом…
 
 
Уазал æмæ стонгæй
Бирæгъ дæр тæрсы, —
Удхæссæг æввонгæй
Ахæмты хæссы…
 
 
– Ма кæут, мæ хуртæ, —
Дзуры цæм сæ мад, —
Афыцой хъæдуртæ…
Абадут æнцад!..
 
 
Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй…
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй…
 
 
Хъуырмæ схæддзæ хъарæг:
«Дудгæ фæбада
Зæйы бын нæ дарæг,
Мах чи фæсайдта!..
 
 
Фондзæй уæ ныууагъта
Иу ныййарæгæн, —
Мады зæрдæ скъахта, —
Царæфтыд фæдæн!..
 
 
Зондæй мыл фæтых дæ,
О, мæ лæджы хай, —
Сидзæртæй фæлыгътæ
Ингæнмæ тæргай!..
 
 
Буц хъæбул дæм дзуры, —
Сфæлмæцыд йæ мад, —
Махæн дæр дæ цуры
Сцæттæ кæ бынат!»
 
 
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй…
Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй…
 
 
Бафæллад кæуынæй
Бинонты кæстæр, —
Къонайыл æрфынæй
Адæмы хуыздæр!
 
 
Иууылдæр дæ адыл
Тулдзысты, фæлæу! —
Стонг æмæ фæлладыл
Тых хуыссæг кæм нæу!..
 
 
– О. гытци кæд уыдзæн?
Райс-ма, цæй, дæ аг!..
– Абадут!.. Фæуыдзæн
Алкæй дæр йæ фаг…
 
 
Аг кæлы йæ былтæй, —
«Хъæдуртæ» фыцынц…
Алы ран тымбылтæй
Сидзæртæ хуыссынц…
 
 
Стонг æмæ кæуынæй
Лæг куы сфæлмæцы,
Тарф у уæд йæ фынæй, —
Маст æм нал хъуысы.
 
 
Лыстæнмæ цæ хаста
Мад йæ хъæбулты,
Æдæрсгæ цæ нуæрста
Алы бызгъуырты…
 
 
Скодта цæ рæбынæй,
Дæлфæдтæм æрбадт…
Гъай-да-гъа! Кæуынæй
Нал æфсæст сæ мад!..
 
 
Сидзæртæн хъæдуртæ
Се 'хсæвæр хуыдта,
Афтæмæй цын дуртæ
Цуайнаджы фыхта:
 
 
Афыцын æфсоны
Байрох уа сæ хæрд…
Стонг æмгъуыд нæ зоны,
Иу сайд ын æгъгъæд!..
 

Хъуыбады

 
Сæрдæй, зымæгæй,
Гуыбыр, тызмæгæй,
Йæ кæрцы мидæг,
Ныхасы бады
Зæронд Хъуыбады,
Нæ фæндырдзæгъдæг…
 
 
Кæйдæр дзæгъæлзад,
Лæппуйæ баззад
Йæ сау бындурыл…
Кæдæм-иу бафтыд,
Уым-иу фæкафыд
Кæрдзыны мурыл…
 
 
Бæгънæг, бæгъæввад,
Ыстонг, уысмæн над
Хуыцауы рæстæй!
Цъыфæй ныррæсыд, —
Хæфсытæ уасыд
Йæ къахы скъуыдтæй…
 
 
Бын бауай, иунæг,
Дзыллæтæй иу лæг
Кæй нæ рæвдыдта!
Фæсмон фæкæна,
Мæрдты дзыназа,
Дæу чи ныййардта!..
 
 
Дæу урс æхсырæй,
Дæу худгæ-хурæй
Чи нæ бафсæста!
Дæу цардуалдзæджы
Йæ хъарм хъæбысы
Чинæ ауызта!
 
 
Фыййау куы уыди,
Уæд-иу хуыссыди
Тæдзгæ-ыскъæты;
Мит-иу куы уарыд,
Уæд-иу ныззарыд
Къæдзæхлæгæты…
 
 
Уæд фос куыд уарзта? —
Фæсал цын ласта
Иæ салд æрчъийæ!..
Йæ зард нæ уагъта, —
Фæндыр ыскъахта
Бæрзбызычъийæ…
 
 
Бæрзонд урс хæхтæ,
Æнкъард къæдзæхтæ,
Æгомыг бæлас
Фыййауы уарзынц
Æмæ йын зарынц
Сæ сусæг ныхас.
 
 
Цæргæсы бæллын,
Уæларвы нæрын,
Дымгæйы хъарæг,
Цæф сæгуыты маст,
Æхсæрдзæны хъазт —
Фыййауы зарæг…
 
 
Фæскъæвда хур бон
Уымæл ривæддон,
Рæсугъд хизæнтæ,
Æфсæст фосы дзуг,
Сæрибары дуг —
Фыййауы сæнттæ.
 
 
Фæлæ нæ амонд
Æнæ сæрнывонд
Нæ хæссы бирæ! —
Æнæ аххосæй
Фыййауы фосæй
Нæ хæссы бирæгъ!
 
 
Æмбаргæ фыййау
Иæ фосы рæгъау
Нымадæй дары,
Фæлæ Хъуыбады
Йæ фоснымады
Фынддæс нæ ары…
 
 
Кæм цæ агура?
Кæмæй цæ кура? —
Хъæр цæ кæм уæнды!
Лæгдзарм тæнæг у,
Æлдар фыдлæг у,
Мæлын кæй фæнды?..
 
 
Фæлидзон, загъта…
Йæ фос фæуагъта
Хъæу-сæр уæзæгыл,
Йæхæдæг алыгъд,
Дыгурмæ ахызт
Адай-æфцæгыл…
 
 
Ирæй, Кæсæгæй,
Фæндырдзæгъдæгæй
Кæм нæ фæхатти?
Цытджын Калачы
Иæ зарды руаджы
Сæндæтты бадти.
 
 
Иæ хорз зарджытæн,
Иæ хорз кадджытæн
Кæрон кæм уыди?
Æнæ фæхудгæ,
Æнæ фæкæугæ
Цæм чи лæууыди?!.
 
 
Йæ къах нæ фæллад,
Йæ зард нæ фенад
Иæ цæугæ-царды…
Æрмæст нæ хъæумæ
Куырмæй фæстæмæ
Æрцыд Хъуыбады…
 
 
Сæрдæй, зымæгæй,
Гуыбыр-тызмæгæй,
Йæ къæрит кæрцы
Ныхасы бады
Зæронд Хъуыбады, —
Нæ йæ зоныс, цы?..